Европаг Совет - Евроцæдис ноджы иу хатт бæлвырд кæны хурыскæсæн сыхы бæстæтæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцын
Европаг советы хъусын кæнынц, цæмæй «æндæвдады сферæты» фæдыл хъуыдыты бынат 21-æм æнусы нал ис. Европаг Советы фидиуæнтæм гæсгæйæ, Европæйы æдасдзинад æнæдихаг у æмæ йæм цыфæнды хуызы æртхъирæн тæссаг у Евроцæдис æмæ йæ уæнг бæстæтæн.
Европаг Совет бафаудта Уæрæсейы æнæруромгæ агрессивон архæйдтæ æмæ æртхъирæн Украинамæ æмæ Уæрæсемæ ситуации дээскалацимæ, æхсæнадæмон барады нормæты бахъахъхъæнынмæ æмæ æхсæнадæмонæй бæлвырд механизмты фæрцы конструкцион диалогмæ баиу кæнынмæ æрсидтис. Европаг советы фидиуæнæй, Уæрæсейы æрдгæй Украинайы ныхмæ сыххæст цыфæнды дарддæры æфсæддон агрессийæн уыдзæн масштабон фæстиуджытæ æмæ стыр аргъы бафидын.
Уыимæ ма Европаг советы фидиуæнмæ гæсгæйæ, Евроцæдис нодлжы иу хатт бæлвырд кæны Украинайæн æмæ хурыскæсæны сыха партнер бæстæты хæдбарады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцын æхсæнадæмонæй нымад арæнты, афтæма конфликтты хъæддых æмæ сабыр фæндагæй алыг кæнынмæ сиды Уæрæсемæ, фæстæмæ баиу уа уæвæг æхсæнадæмон форматты.
Европаг Совет ноджы иу хатт сбæлвырд кодта иууон ахастмæ æмæ АИШ-имæ, НАТО-имæ, Украинаимæ æмæ æндæр партнер бæстæтимæ æнгом æмгуыстады æмæ координацийæн Евроцæдисы фарсхæцын.