Европæйы Уацхæссджыты Цæдис, Евроуынынад 2021-ы фарстайыл уынаффæмæ æрывнæлдта
Евроуынынад 2021-ы тыххæй, Европæйы Уацхæссджыты Цæдис (EBU) æмæ æвджиддар къорд æрымбырд уыдзысты æмæ уæвæг проблемæтыл фæуынаффæ кæндзысты. Æркæсдзысты куыд бæстæты минæвæртты, афтæ конкурсон зарджыты фарста.
Нырма скуыддзаггонд нæу, фидæн азы конкурсмæ уыцы зарæггæнджытæ æмæ зарджытæ та ныууадздзысты æви сæ раивдзысты. Уый тыххæй детæлттæ тагъд суыдзысты бæрæг æмæ раргом уыдзысты.
Евроуынынады 64-азон историйы дæргъы, ахæм проблемæты раз EBU фыццаг хатт слæууыд.
Европæйы Уацхæссджыты Цæдис (EBU) 18 марты официалонæй сбæлвырд кодта, цæмæй 2020 азы Евроуынынады зарæджы конкурс, коронавирусы тыххæй нал ацæудзæн.
Еврофестивал, Роттердамы, 12,14 æмæ 16 майы хъуамæ ацыдаит. 2020 азы Евроуынынады конкурсыл Гуырдзыстоны номæй хъуамæ рацыдаит Торникэ Хъипиани.