Европæйы Советы парламентон ассамблейы президент хъусын кæны, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй Венецийы Комиссийы хъуыды, публикацигонд уыдзæн иннæ къуырийы
Европæйы Советы парламентон ассамблейы (РАСЕ) президент Теодорос Русопулос хъусын кæны, цæмæй «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй Венецийы Комиссийы хъуыды иннæ куъырийы райдайæны уыдзæн публикацигонд.
Русопулос куд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ сиды гуырзиаг закъондæтджытæм, æххæстæй сæ зæрдыл бадарæт Венецийы Комиссийы рекомендацитæ, цалынмæ закъон скусдзæн уæдмæ.
Уыимæ, Европæйы Советы парламентон ассамблейы президент парламенты цур акцийыл айтынггонд фæзындты кой кæны.
«Ацы бырстытæ афтæ, куыд пъæлицæйы æрдгæй тыхæйæнæпропорционæй спайдайы фæдыл хуъсинæгтыл, æххæстæй æмæ æргомæй фæдагуырд хъуамæ ацæуа хицауаы æрдгæй, æмбæлгæ мадзæлттæ скæнын хъæуы, митинггæнджыты, æмбæстагон дзыллæйы активистты, журналистты æмæ парламенты уæнгты æдадсзинад бахъахъъхæнынæн, ацы закъоны фæдыл сæ цæстæнгасмæ нæкæсгæйæ», – банысан кодта Русопулос.
Парламент «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроекты æртыккаг хъусынæй райста. Закъонопроектимæ сразы сты 84 депутат, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой парламенты 30 уæнгæй.