Европæйы хосты агентад, компани «BioNTech» æмæ «Pfizer»-ы уагъд коронавирусы ныхмæ вакцинæ авторизаци скодта
Европæйы хосты агентад компани «BioNTech» æмæ «Pfizer» арызт коронавирусы ныхмæ вакцинæйæн авторизаци скодта, кæцы уый нысан кæны, цæмæй æввахс бонты Европæйы бæстæты райдайдзысты вакцинаци.
Гермнаийы æнæнизхъахъхъæды министры дзырдæй, зæгъгæ цæрджыты вакцинаци 27 декабрæй райдайдзæн.
Дунейы фыццаг бæстæ кæцы «BioNTech» æмæ «Pfizer» арызт вакцинæ сбæлврд кодта уыд Стыр Британи, кæцы дыууæ къуырийы размæ райдыдта цæрджыты низы ныхмæ æфтауын. «BioNTech» æмæ «Pfizer» арызт вакцинæйæн авторизаци ратта Америкæйы хæлцады æмæ хосты агентад дæр.