Европæйы инвестицион банк Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды инфраструктурæйæн æххуысы нысанæн сыххæст кæндзæн 100 милуан евройы инвестици
Европæйы инвестицион банк Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды инфраструктурæйы æххуысæн 100 милуан евройы бæрц инвестици нывæрдзæн, – уый фæдыл информаци хъуысын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.
Афтæма сæ информацийæ, Евроцæдисы гарантийæ ифтонггонд Европæйы инвестицион банкы 100 милуан евройы бæрц кредит, Гуырдзыстонæн ратдзæн фадат, сæххæст кæна авд сæйраг рычнындоны, сæ нымæцы «COVID-19»-æй рынчын пациентты исæг рынчындæттæй арæзт медицинон уагдæтты модернизаци.
Кредит афтæдæр йæ хъуыдыйы дары «COVID-19»-имæ баст æнæмæнгхъæугæ медицинон ифтонггæрзтæ балхæд.
«Фæнысангонд æххуысæй, Гуырдзыстонæн йæ бон бауыдзæн æнæнизхъахъхъæды системæ фæхуыздæр кæнын, сæрмагонд æмбæстæгты æмæ медицинон персоналы бахизын æмæ нырыккон фадæттæ ратдзæн пандемийæн бафæразынæн», – банысан кодта Европæйы инвестицион банкы вице-президент Тереза Червинска.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцеллы фидиуæнæй, Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын пандемийы периоды.
«Хæс нымад у æнæнизхъахъхъæды системæйы цы домæнтæ ис уыдоны сыххæст кæнынæн – нысаниуæгджын куыст сыххæст уыцы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæн баххуыс кæнынæн, кæцытæ махæй æххуысы аккаг сты. Фæнысангонд суммæ бамхас уыдзæн уыцы 1,5 миллиард ларийы бæрц æххуысмæ, кæцыйы мобилизаци Евроцæдис æмæ «Европæйы бал» Гуырдзыстонæн баххуыс кæнынæн ацы азы сифтонг кодтой», – райхъусын кодта Карл Харцелл.
Гуырдзыстоны æнæфæцудгæ социалон æмæ экономикон рæзынадæн, Европæйы инвестицион банк цы инвестицитæ сыххæст кодта, уыдоны бæрц, 2 миллиард евромæ хæццæ кæны.