«Европæйы Адæмон Парти» æмæ»Социалистты æмæ Демократты» блокъ, Европарламенты, коалици саразын хæдбарæй нал бахъом уыдзысты
Европарламенты æвзæрстыты фæстьиуджытæй, рахис-центристон «Европæйы адæмон партий» мандаттæ сафы, фæлæ европарламенты нырмадæр сеппæтæй стыр блокъ уыдзæн.
Фæстиуджытæ æвдисынц, цæмæй 751 бынатджын парламенты «Европæйы Адæмон Патийы» блокъæн 179 мандат уыдзæн æмæ проевропаг коалици растдæр уый сараздзæн. 2014 азы æвзæрстыты фæстиуджытæй, «Европæйы адæмон Парти»-мæ 216 бынат уыд.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæй дыккаг бынатыл ис «Социалистты æмæ Демократты» блокъ, кæцы Европарламенты æнхъæлцау райсдзæн 150 мандаты. 2014 азы «Социалисттæм æмæ Демократтæм» 191 бынат уыд.
Æртыккаг бынатыл ис либералон къорд «Алде», кæцы ацы рæстæгмæ евроцæдисы зæкъондæттæг органы 107 бынат ахсы.
Æвзæрстыты нысаниуæгджын æнтыстмæ æрцыдысты æмæ позицитæ фæхуыздæр кодтой Цъæхтæ, кæцытæм раззаг æвзæрстыты уыд 50 бынат, ныр та 70 мандат райсдзысты.
Афтæмæй, «Европæйы Адæмон Партий» æмæ «Социалистты æмæ Демократты» блокъ коалици саразын, хæдбарæй нал сфæрæз кæндзысты.
Аналитикты прогнозæй, «Европæйы Адæмон Парти» æмæ «Социалисттæ æмæ Демократты» блокъ, коалици сараздзысты либералтимæ æмæ цъæхтимæ æмгуыстгæнгæйæ.
«Фæстаг 40 азы мидæг фыццаг хатт, дыууæ классикон партийæн, социалисттæн æмæ консерватортæн фылдæры хай нал уыдзæн. Бæрæг у, цæмæй ай у историон момент æмæ евроцæдисы парламенты хицаудзинады ног баланс уыдзæн»,- райхъусын кодта «Алдейы» лидер Ги Верхофштадт.
Æвзæрстыты активондзинад уыд 51%, кæцы фæстаг 20 азы дæргъы сеппæтæй бæрзонддæр фæстиуæг у.