Еврокомиссийы рекомендацитыл кусæг бал абон бавдисдзæн деолигархизацийы фæдыл закъонопроект
Еврокомиссийы рекомендацитыл кусæг бал абон бавдисдзæн деолигархизацийы фæдыл закъонопроект

Еврокомиссийы  рекомендацитæм гæсгæ кусæг бал абон  деолигархизацийы  фарстатйы фæдыл закъонопроект бавдисдзæн.

Ацысахат  кусæг балы  фембæлд цæуы, кæцыйы  фæстæ  бæрæг суыдзæн ивддзинæдты апп.

Кусæг балы  сæрдар Анри Оханашвили  ивддзинæдтæ зонын кæны   кусæг балы  уæнгтæн.

Уæвæг информацийæ,  деолигахизацийы  фæдыл   рагхыгъдгонд у  украинаг модел.

Бæрæг сты цыппар  домæн, кæцытæй  æртæйы  сæххæсты  цауы,   гоймаг нымад  цæуы  олигархыл. Критеритæй  фæбæрæг ис уый, цææйм   гоймагмæ хъуамæ уа  80 милуанæй фылдæр,  æндæвдад йын хъуамæ уа  медийыл  æмæ  политикон партитыл, афтæма  монополи  йын  уа  экономикæйы кцыдæр  къабазыл.

Уæвæг информацийæ,  украинаг æмæ гуырдзиаг  закъонты æхсæн хъауджыдзинад уый мидæг ис, æмæ   Украинайы   олигархыл  гоймагыл банымайы  президентимæ архайæг совет,  Гуырдзыстоны та  ацы функци  уыдзæн парламентмæ,  ууыл бахъаст кæнын та гæнæн уыдзæн тæрхондоны.