«Деолигархизацийы фæдыл» закъонопроекты  райсом бюройы рабадтыл бавдисдзысты
«Деолигархизацийы фæдыл» закъонопроекты райсом бюройы рабадтыл бавдисдзысты

Парламенты  юридикон фарстаты  комитеты  бацæттæгонд   «деолигархизацийы фæдыл»  закъонопроекты  райсом  бавдисдзысты  бюройы  рабадтыл.

Кусæг балы  форматы  «Гуырдзиаг Бæллицц»  райхъусын кодта, цæмæй  сæ  бацæттæгонд ивддзинæдтæ æнцойæввæрд сты  украинаг  моделыл.

Закъонопроектмæ гæсгæйæ,  парламент гоймагы  олигархыл  банымайдзæн, кæд æмæ уый цыппар критерийæ   æртæмæ  æмбæлон у.  Сæрмагондæй та,  ивддзинæдтæй критеритæ сты –  политикон   царды хайадист;  массон  информацийы  фæрæзтыл нысаниуæгджын æндæвдад  скæныны фадат;  уыцы  амалиуæгдар юридикон  уæнгты æппæтыхистæр  бенефициарæй уæвын, кæцыйæн   базарыл доминантон  уавæр ис  æмæ кæцы ацы  уавæр нæ  сафы  иу афæдзы дæргъы  кæнæ  та йæ  хуыздæрдæр кæны;  афтæма йæхи æмæ  уыцы  амалиуæгдар юридикон уæнгы  активты  бæлвырд нымæц,  кæцыйы уый у бенефициар, æмбæлгæ азы  фыццаг  январы  уавæрæй, 1000 000 хатт фылдæр у  кусынхъом  уæнгты бæлвырд цæрынæн хъæугæ минимумæй.

Ивддзинæдтæй сбæрæг уыдзæн, цæмæй олигархты специалон реестр  бахæсдзысты,  реестры фæдыл   фæткæвæрд та сбæлвырд кæндзæн парламент.  Реестр саразын æмæ йæ архайд  ифтонг кæндзæн   парламенты аппарат.

Закъонопроектæй  олигархыл нымад уæнгæн сбæлвырд уыдзæн  арæнæвæрдтæ.  Сæрмгондæй та,  ивддзинæдтæй, реестрмæ  хаст  олигархтæн арæнгонд уыдзæн:  политикон партиты фарсхæцынæн  сæрмагонд фæрæзтæй  суммæтæ  рауæлдай кæнын, куыст сыххæст кæнын,  базайраджы, лæггады кæнæ  æрмæгæй хæца бадæттын, уыйимæ баст уæнгты  фæрцы кæнæ  ахæм юридикон   уæнгты фæрцы, кæцыты дæр уый  у  æппæты бæрзонддæр бенефициар,  исты куыст ракæнын, кæнæ  лæггад банхъарын; афтæма  кандидатты æвзарæнон   фондтæм (сæрмагонд æвзарæнон фондæй уæлдай)  суммæтæ рауæлдай кæнын  æмæ æвзарæнон   процессты цыды рæстæджы политикон партиты финансдзинад;  егъаумасштабон объектты   приватизацийы  процессы  уа  æлхæнæгы (æлхæнæджы бенефициар); цыфæнды политикон   кампанийы  финансдзинад, политикон  æркуырдтæ кæм ис ахæм æмбрдты кæнæ демонстрацитæ ауадзын.

Закъонопроекты банысангонд у, цæмæй  «деолигархизацийы  фæдыл»  закъон йæ скуыстæй, 10  азы  æмгъуыд аивгъуыды фæстæ  фесафдзæн йæ тых.