Еврокомисси Венгрийыл, «суверенитет хъахъхъæды» закъоны райсты тыххæй Евроцæдисы расттæрхоны тæрхондонмæ бахъаст кодта
Еврокомисси Венгрийыл, «суверенитет хъахъхъæды» закъоны райсты тыххæй Евроцæдисы расттæрхоны тæрхондонмæ бахъаст кодта

 

Еврокомисси  Венгрийыл  «суверенитет хъахъхъæды»  закъоны райсты тыххæй,  Евроцæдисы расттæрхоны  тæрхондонмæ бахъаст кодта.

Еврокомиссийы  хъусын кæнынц,ц æмæй  фæнысангонд закъон  халы   Евроцæдисы  закъондæттынад. Уый фæдыл  Еврокомиссийы  ахæлиугонд пресрелизы дзырдæуы.

Закъон  кæцыйы  Венгрийы парламент  2023 азы  декабры  сфидар кодта, суверенитеты хъахъхъæды  офисы  саразын  дары йæ хъуыдыйы.  Фæнысангонд уагдоны  хæс уыдзæн  фæдагурыд ауадзын ахæм   куыстыо,к æцы  æндæр паддзахады кæнæ фæарæйнаг   органы,  оргганизацийы  кæнæ физикон уæнгы   интерестæй цæуы æххæст æмæ  кæцы  гæнæн ис   Венгрийы   суверенитет фехала кæнæ аар сæвзæрын кæна  уымæн. Афтæма   ахæм организацийы  куыст, кæцыйы  архæйдтытæ  фæсарæнаг  финандзинадæй  гæнæн ис  æндæвдад скæной   æвзæрстыты фæстиуджытыл кæнæ  æвзæрстгæнджыты фæндыл.

Февралы Еврокомисси  Венгримæ фыстæгæй  бахдæхтис æмæ официалонæй   йын фехъусын кодта  йæ  сагъæсы тыххæй.  Дзуаппæн  Венгри хъусын кæны, цæмæй  «Суверенитеты хъахъхъæджы» закъон нæ  халы   Евроцæдисы  хакъондæттынад, æрмæст Еврокомиссийы  публикацигонд сагъæстæ та æнæбындур сты.