Еврокомиссар Оливер Вархей социалон хызагы фыссы Давит Залкалианиимæ фембæлды фæдыл
Сыхагон политикæ æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды фæдыл фыссы социалон хызаг «Твиттеры»
Вархей куыд банысан кодта афтæмæй, фембæлдыл æркастысты «Хурыскæсæн партнерады» экономикон æмæ инвестицион планы сыххæст æмæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытæ.
«Абон Давит Залкалианиимæ бавидтам нæ хъуыдытæ «Хурыскæсæн партнерады» экономикон æмæ инвестицион план сыххæсты æмæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытæ размæ рахæцыны фæдыл. Афтæма афæлгæстам регионы уæвæг ситуаци», – фыссы Оливер Вархей.