Еврокомиссар Дубравка Шуйка – гуырдзиаг адæм æнхъæлмæ кæсынц Евроцæдисы ‘рдыгæй æскъуыддзаггæнæг дзуаппмæ, хицауад хъуамæ ссæрибар кæна æнæзакононæй ахстгондты æмæ сног кæна баиу кæныны процесс
Гуырдзиаг адæм Евроцæдисы æрдыгæй æскъуыддзаггæнæг дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсынц, хицауад хъуамæ ссæрибар кæна æнæзакъононæй ахстгондты æмæ сног кæна баиу кæныны процесс – уый фæдыл еврокомиссар, Дубравка Шуйка Европарламенты, цы ран Гуырдызстоны фæдыл цæуы дебаттæ, расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдис дарддæр кæны гуырдзиаг адæмы фарсмæ лæууын, уый нымæцы хицауадæй финансирдзинад æмбæстагон æхсæнад æмæ хæдбар медиамæ æрвыстæй.
«Зæгъæн ис æмæ 3 къуырийы дæргъы, гуырдзиаг адæм æнæхъæн бæстæйы масштабæй, сæ демокративон æмæ европон фидæны бахъахъхъæныны тыххæй протесттæ уадзынц. Æнæпрецедентон протесттæ сырæзтысты Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзагы фæдыл расидæны фæстæ, цæмæй 2028 азы онг баиу кæныны фæдыл бадзырдтæ ма ауадзой. Ацы къахдзæф ирд ахизæн у Гуырдзыстоны раздæры хицауадты политикæйæ æмæ гуырдзиаг адæмы фылдæры бæллицтæй. Уый афтæдæр фыццаг хатт у, цæмæй бæстæ, кæцыйæн лæвæрд æрцыд кандидатон статус, бæрæгæй ахызт йæ европæйаг фæндагæй.
Гуырдзыстоны уавæр карздæр кæны, фæстаг дыууæ къуырийы мидæг 450 адæймагæй фылдæр ахст æрцыд. 300 адæймаджы бæрц хъизæмар кодтой тыхми æмæ æвзæр ахастæй, бирæтæн хъуыд тагъд медицинон æххуыс. Барадхъахъхъæнджытæ 400 адæймагæй фылдæры аххосджын кодтой административон аххосæгтæй æмæ 30 та уголовон аххосæгтæй, барадхъахъхъæнæг органтæ кæнæ æнæформалон тыхмигæнæг къордтæ та дзуапп нæ лæвæрдтой æгæр тыхæй пайда кæныны тыххæй.
Ацы цаутæ хицæн цаутæ не сты, фæлæ Гуырдзыстоны демократон фæстæмæздæхты уæрæхдæр нывы хай. 26-æм октябры парламентон æвзæрстыты агъоммæ банысан кодтой уæззау закъонхæлдтытæ. Хицауад райста æддагон æндæвдады тыххæй закъон æмæ афтæ хуынæг Бинонты аргъдзинæдты закъондæттæн пакет. Ацы дыууæ закъондæттæн инициативæ сты европæйаг нормæты æмæ аргъдзинæдты ныхмæ. Июны мах дзуапп радтам къорд мадзалы райсгæйæ, се æхсæн политикон контактты фæкъаддæр æмæ æххуысы фæурæд, 30 милуан евройы Европæйы Сабырады Фондæй æмæ 121 милуан евройы комкоммæ æххуыс хицауадæн.
Гуырдзыстоны æнтыстдзинады процесс фактонæй æрлæууыд. Хицауад йæ архайды фæндаг нæ аивта. Цытджын уæнгтæ, рæстæг у, цæмæй Евроцæдис æнæкæсгæйæ æмæ иугондæй реагир кæна. Гуырдзиаг адæм махæй афтæ æнхъæлмæ кæсынц. Тыхмийы аххосджынтæ хъуамæ дзуапп дæттой æмæ хицауад хъуамæ æвæстиатæй райса мадзæлттæ, цæмæй репресситæ бауромой, æнæзакононæй ахст протестгæнджыты ссæрибар кæной æмæ баиу кæныны процесс ногæй райдайой.
Знон æттаг хъуыдтæгты советы бадзырдтам дипломатон æмæ службæгæнæг паспорты хицæуттæн æнæвизæйон режим æруромыны тыххæй. Афтæ дæр фæныхас кодтам Евроцæдисы æппæтдунеон адæймаджы барты санкциты режимы фæлгæтты санкциты снысан кæныны фæлгæтты, Гуырдзыстоны бæрзонд рангы бæрнон кусджытæн, кæцытæ сты бæрнон, баст сты кæнæ баст сты адæймаджы барты серьозон хæлдтыты тыххæй. Уыимæ иумæ дарддæр кæндзыстæм гуырдзиаг адæмы фарсмæ лæууын, се æхсæн хицауадæй æмбæстагон æхсæнадмæ æмæ хæдбар медийы æрдæм финанскæнынад здæхдзыстæм, цæмæй ацы уæззау рæстæджы дæр дарддæр кæной кусын», – расидтис Дубравка Шуйка.