Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ, 22 апрелы Хурыскæсæн Партнерады политикъæйы фæдыл фæуынаффæ кæндзысты
Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ 22 апрелы Хурыскæсæн Партнерады политикъæйы фæдыл æруынаффæ кæндзысты, – уый фæдыл информаци хъусын кæны Европæйаг Совет.
Министрты рабадт ацæудзæн видео-конференцийы режимæй.
«Министртæ аргъ скæндзысты пандемийы периоды Евроцæдисы политикæ æмæ ахасттæн Хурыскæсæн сыхæгтæм. Министртæ нысаниуæгджын хъусдард раздахдзысты Хурыскæсæн Партнерады уæнг Паддзахадты æрдæм», – дзырдæуы хъусинаджы.