Евроцæдисы уæнг 27 бæстæйы националон парламенттæ райстой документ, кæцыйы ноджы иу хатт у бавдыст Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны процессæн фарсдарын
Евроцæдисы уæнг бæстæты парламентты æддæ хъуыддæгты комитеты сæрдæртты форматы уагъд æвддæсæм пленарон рабадты фæлгæтты, Евроцæдисы уæнг 27 бæстæйы националон парламенттæ, райстой документ, кæцыйы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад ææм Евроинтеграцийыл цæуы дзырд.
Документы куыд дзырдæуы афтæмæй, COSAC раы у ауæрæхы процессимæ, куыд геостратегион инвестициимæ сабырады, æдасдзинады, стабилондзинады æмæ фарн сифтонг кæнынæн.
«COSAC разы у комиссийы æрдгæй Украина æмæ Молдовæимæ бадзырдты фæлгæтты проекты фæдыл инициативæйы фæудимæ, кæцыйы сфидар кæндзæн совет æмæ ма сиды Гуырдзыстонимæ, уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдтæм кусын райдайынмæ, сгуыхтдзинады бындурæвæрд ахастмæ æмбæлгæйæ. Уый сиды уæнгтæм кандидат бæстæтæм, Евроцæдисы æххуысæй стынг кæной реформæтæм тыхархайд, Коппенгагены критеритæм æмбæлгæйæ, сæрмагондæй та закъоны сæйрагдзинады сферæйы. Иурæстæгонæй хъуамæ сæххæстæуа æнæмæнгхъæугæ реформæтæ, кæцы ауæрæхгонд Евроцæдисæн ратдзæн фадат адарддæр кæна эффективонæй кусын, Евроцæдисы æмбæстæгты интерестæм æмбæлгæйæ», – дзырдæуы документы.
Уыимæ COSAC ноджы иу хатт æвдисы йæ æнæцудгæ фарсдарын Украинайы, Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны хæдбарадæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн сæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты, афтæ куыд Украинайы æрдзон барæн, баиргъæва йæхи уырыссаг агрессийæ.
«COSAC бæлвырд кæны фарсдарын Украинайы, Молдовæйы, Гуырдзыстоны Еврцоæдисы уæнгсуæвыны процессæн, Еврокомиссийы 2023 азы ауæрæы пакеты бавдыст домæнтæ сыххæстмæ æмбæлгæйæ. COSAC ноджы иу хатт бæлвырд кæны Балканты бæстæтæн фарсдарын, суой Евроцæдисы уæнгтæ, Коппенгагены критеритæм æмбæлгæйæ», – дзырдæуы документы.