Евроцæдисы  Совет Украинайæн 18 миллиард евройы аргъы æххуысы пакет сбæлвырд кодта
Евроцæдисы Совет Украинайæн 18 миллиард евройы аргъы æххуысы пакет сбæлвырд кодта

Евроцæдисы Совет Украинайæн  18 миллиард евройы аргъы  æххуысы пакет сбæлвырд кодта.  Суммæ Украинамæ  2023  азы дæргъы фæхæццæ уыдзæн.   Æмбæлон  æнхъарæн  иннæ  къуырийы  европарламентмæ  бавдыст уыдзæн.

Евроцæдисы  Советы сæрдар бæстæйы Чехийы  финансты министр  куыд райхъусын кодта  афтæмæй,  Украинамæ хъуамæ уæд  Евроцæдисы  ныфс.

Евроцæдисы Советы уынаффæйæ  Украинамæ æххуыс уæлбарджын кредиты хуызæй уыдзæн лæвæрд, кæцыйы сæйраг хай, Евроцæдисы  уæнг  бæстæтæ бамбæрздзысты.  Кредиты  гаранти та, кæнæ Евроцæдисы бюджет, кæнæ  уæнг паддзахадтæ  сифтонг кæндзысты.

18  миллиарды бæрц æххуыс, уый нымæцы   бахардз уыдзæн  критиконæй  нысаниуæгджын  инфраструктурæ снæдидзын кæныныл.