Евроцæдисы минæварад Киевы йæ куыст сног кæндзæн. Уый фæдыл информаци медийæн Украинайы Евроцæдисы минæвар Мати Маасикас сбæлвырд кодта.
Киевмæ æрыздæхыны фæдыл минæвар ныффыста социалон хызаджы.
«Æхсызгон у Киевмæ æрыздæхын» – фыссы дипломат «Твиттеры».
Маасикас афтæма публикаци скодта къам кæцыйы Киевы минæварад тыгъд Евроцæдисы тырыса зыны æмæ ахæм фыст ис «Фыццаджыдæр цы саразын хъæуы уый».
Киевмæ Маасикас ныццыд Жозеп Борелим æмæ Урсула фон дер Лайенимæ иумæ, кæцытæ Укаинайы президент Володимир Зеленскиимæ фембæлдысты. Уыйимæ фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады фарстаты евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел райхъусын кодта, цæмæй Укрианайы Евроцæдисы минæварад, кæцы хæстон архæйдтыты тыххæй Польшæмæ уыд цыд, йæ куыст фæстæмæ Киевы сног кæндзæн.