Евроцæдисы лидертæ  Украинайы  сырæзт уавæры тыххæй  уæлрадон  саммит уадзынц
Евроцæдисы лидертæ Украинайы сырæзт уавæры тыххæй уæлрадон саммит уадзынц

Евроцæдисы лидертæ  Украинайы  сырæзт уавæры  тыххæй   уæлрадон саммит  уадзынц.  Дыууæбонон  фембæлды фæлгæтты,  евроцæдисы   уæнг бæстæты   æмæ хицæуæдты  сæргълæуджытæ  Украинайы  сырæзт уавæр æмæ уырыссаг агрессийы уавæрты  блокъы  æххуысы  фæндæгтыл тæрхон кæнынц.

Лидертæ  аргъ скæндзысты  Еврокомиссийы   иууылног  æнхъарæнæн  Украинайæн  уæлæмхас 9 миллиард евройы  бæрц  макрофинансон   æххуысы  фæдыл. Самитыл  æнæразыдзинады  фарста у Уæрæсейы ныхмæ  санкциты æхсæзæм пакет.

Венгрийы  премьер-министр Виктор Орбан  Евроцæдисы президент Шарл Мишелмæ рæвыст фыстæджы  нæзагъд ракодта  нефтыл эмбаргойы фæдыл  фарста æркæсыныл.  Орбаны дзырдæй,  зæгъгæ Венгрийæн нæу  йæ бон,  йæ фарс рахæцын  санкциты пакетæн, кæд нæ  уыдзæн  фылдæр детал  йæ бæстæйæн   Евроцæдисы финансон  æххуысы  фæдыл,  цæмæй раива  Уæрæсейыл энергетикон бастдзинад.

Евроцæдисы лидертæ афтæдæр  тæрхон кæнынц  хъахъъхæнынады æмæ хæлцадон æдадсзинады  фарстатыл.