Евроцæдисы лидертæ коронавирусæй зианбавзарæг экономикæтæн æххуысы пъланыл æрныхас кæнын нæ бахъом сты
Евроцæдисы лидертæ коронавирусæй зианбавзарæг экономикæтæн æххуысы пъланыл æрныхас кæнын нæ бахъом сты.
«Ройтеры» информацийæ, бадзырдты дыккаг бон æнæпайдайæ фæцис æмæ дискуси абон сног уыдзæн. Брюсселы саммитыл инциргонд пълан экономикæмæ сæдæгай миллиард евройы мобилизаци домы.
Медийы хъусинагæй, саммитыл Евроцæдисы лидерты æнæразыдзинад тас хæссы масштабон стимургæнæг фонд саразыны пъланæн, кæцыйæн йæ нысан у коронавирусон инфекцийæ зианбавзарæг уæнг бæстæты экономикæты размæлын кæнын.
Бюджеты фарстаты еврокомиссар Йоханнес Ханнн лидертæм æрсидтис архайынмæ. Евроæдисы лидертæ 750 миллиард евройы фонд саразын æмæ 2021-2027 азты 1 триллион евройы бæрц бюджетыл нæ фидауынц.
Коронавирусон пандемийы тыххæй, Европæ дыккаг дунейон хæсты фæстæ, сегасдæр масштабон экономикон шокы раз лæууы.