Евроцæдисы цæстдарæг мисси мæнгæй æвдисы хуссарирыстойнаг медийы публикацигонд информацийы
20 майы Хуссар Ирыстоны медийы публикацигонд хъусинæгты мидæг Гуырдзыстоны Ричард Лугары номыл æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды иртасаг центры фæдыл æнæрастæй æмæ бынтон мæнгæй бавдыст æрцыд, Хуссар Ирыстоны администрацион арæйнон хаххы гæрон 26 апрелы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы архайд, – уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы фидиуæны мидæг.
Оккупацигонд Цхинвалы райхъусын кодтой, цæмæй «Гуырдзыстонæй ковидинфекцийы бахаст зæгъгæ сæ æдасдзинадмæ æртъхъирæн у». Куырдиат, оккупацигонд регионы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитеты сарызтой. Информаци публикацигонд æрцыд бынæттон медийы. Оккупацион режимы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ «Тæссаг у Гуырдзыстоны архайæг Ричард Лугары номыл лаборатори».
«Лугары номыл æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды центры кусджытæ архайынц, Хуссар Ирыстоны Республикæйы цæрджытæй биологион æрмæг самал кæнын»,- хъусын кæнынц, а.х. æдасдзинады комитеты. Оккупацион режимы уæнгтæ афтæдæр дзурынц, цæмæй зæгъгæ, цалдæр боны размæ, оккупацион хаххмæ хæстæг сфиксир кодтой «гуырдзиаг хицæн клиникæйы хæдтулгæтæ».
«Бынатмæ бацыдысты æдасдзинады комитеты минæвæрттæ æмæ дзы куыддæр фæзындысты афтæмæй, Евроцæдисы цæтсдарæг миссийы уæнгтæ æмæ гуырдзиаг дохтыртæ, уайтагъд феддæмæ сты территорийæ. Æдасдзинады комитет, куры æмбæстæгтæй, ма сразы уой гуырдзиаг фарсы æнхъарæнимæ æмæ ма бакомой цыфæнды хуызы медицинон иртасæны хайад райсын», – дзырдæуы оккупацион режимы куырдиаты.
«Категорионæй нæ разы кæнæм мæнг хъусинæгтимæ, кæцытæ сты Евроцæдисы миссийы ныхмæ æнæбæрнон дезинформацийы ноджы иу дæнц, хъусын кæнæм:
26 æмæ 27 апрелы мисси сдзуапп кодта тæвд хаххы активизацийæн «сæрмагонд хæдтулгæты» фæдыл, кæцы сразæнгард ис йæ патрулы фæстæ. Дзуаппæн, мисси бамбарын кодта. Афтæ куыд ныртæккæ æмбарын кæны, цæмæй банысангонд хæдтулгæтæ уыдысты тагъд медицинон æххуысы автомобильтæ.
Тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæтæ Евроцæдисы цæстдарæг миссийы патрультимæ æмвæд сты миссийы бындурæвæрд бонæй. Уый у рагафойнон сæрхизæны стандартон мадзал. Нæ кусджытæм хъусдарды фæдыл хæсы хай у уый, ома уыдон уыдысты Евроцæдисы цæстдарæг миссийы æмкусджытимæ иумæ, цæмæй бахъуаджы цауы, цырдæй сæ бон бауа, æмбæлгæйæ баххуыс уын, дæнцæн, фæндагон-транспортон цауы рæстæджы. Уый сæрмагондæй нысаниуæгджын у, дард рæтты, кæцы рæтты дæр тагъд медицинон æххус райсын зын у», – банысан кодтой Евроцæдисы цæстдарæг миссийы.
Сæ ныхæстæм гæсгæ, 26 апрелы зæгъгæ, территорийыл исты хуызы сусæг змæлд, иу исчи æмбæстагимæ контакт, кæнæ цыдæр хуызæгтæ, ничи амал кодта.
Афтæма сæ ныхæстæм гæсгæ, мисси зæгъгæ, æрвылбойнонæй йæ цæст дары бынатыл уæвæг уавæрмæ æмæ йæ ахаст у объективон.
«Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг мисси æрвылбойнонæй бæрæг кæны уæвæг уавæр бынатыл уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны администрацион арæйнон хаххы дæргъмæ. Нæ мисси иугæндзонæй патрул кæны цæугæ пандемийы рæстæджы. Хъуыддагмæ нæ ахаст у иттæг объективон», – банысангонд у Евроцæдисы цæстдарæг миссийы фидиуæны.