Евроцæдисы бæстæтæ гæнæн ис  ма ‘руадзой визиторты  АИШ-æй, Бразилийæ æмæ Уæрæсейæ
Евроцæдисы бæстæтæ гæнæн ис ма ‘руадзой визиторты АИШ-æй, Бразилийæ æмæ Уæрæсейæ

Евроцæдисы  бæстæтæ  гæнæн ис  АИШ-æй, Бразилийæ æмæ Уæрæсейæ  визиторты рæстæгмæ  мауал райсой.  Уый æфсонæн бавдыст у  фæнысангонд  бæстæты  сырæзт эпидемиологион  уавæр.

Рауагъдад  «Нью_Йорк Таймс»  куыд фыссы афтæмæй,   Евроцæдис æрцæттæ кодта  уыцы  бæстæты   номхыгъд,  кæцытæн  арæнтæ  фегом кæндзæн.

Медиафæрæзы фыссынц, цæмæй  ныр Евроцæдисмæ цæттæ у   фæндон визиторты   дыууæ  потенцион номхыгъд,  кæцы æнцойæвæрд у  ууыл цæмæй куыд  фæразы  иу кæнæн иннæ бæстæ  коронавирусы пандемийæн.  Дыууæдæр номхыгъды мидæг    бавдыст у  Китай, афтæма   рæзгæ  бæстæтæ, цахæмтæ дæр сты:  Уганда, Куба, Вьетнам.   Ранымады  нæй  АИШ-æ æмæ  æндæр паддзахадтæ,  кæцæй дæр, рауагъдад  куыд фыссы афтæмæй, визиторты æруадзын бæрзонд риск хæссæг  у  вирусы  ахæлиуы æрдгæй.

«Нью-Йорк Таймс»-ы банысан кодтой, цæмæй   бакуыст  номхыгъдтæ  нырма бæлвырд  не сты, фæлæ  гæнæн ис  иннæ къуырийы  сæ  сфидар кæной.