Евроцæдисы аргълæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны адæймагы барты сферайы ивгъуыд аз стабилон размæцыд уыд
Евроцæдисы аргълæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны адæймагы барты сферайы ивгъуыд аз стабилон размæцыд уыд
Уый фæдыл ис фыст Евроцæдисы сыхагон æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты фарстаы æттаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикайы пресспикеры расидæны.
«Евроцæдис, хъусдард бадардта ОБСЕ демократион институтты æмæ адæймагы барты офисы æвзарæнон цæстдарæг мисийы хаццæг, кæцыйы 2017-æм азы октябрь- ноябры Гуырдзыстоны арæзт бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ сты позитивонæй аргъгонд æмæ бахахх кодта, цæмæй хъусдаринаг у æвзарæнон хъастыты эффектон бакаст æмæ уыдоныл реагирдзинады процессы.
Фарсытæ банысан кодтой, цæмæй æнæкæсгæ медийы рæзгæ сæрибардзинад æмæ активондзинадмæ – ис фыст расидæны.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдис Гуырдзыстонмæ басидтис политикамæ сылгоймæгты æмæ националон къадæрдæрты бæрнонты фылдæр нымæцæй баконд.
Расидæны афтæ дæр ис фыст, цæмæй Евроцæдис райгонд у Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативайæ, кæцы хæрзæг æрхæсдзæн административон дихгæнæг хаххмæ æввахс цæрæг адæмæн.
Евроцæдис басидтис Гуырдзыстонмæ адаргъ кæна антидискриминацион законы эффектон реализаци, се æхсæн сæрмагонд секторы. Диалогы хайадисджытæ бахахх кодтой адæмагы барты сæйраг принципты хъахъæд, æнæкæсгæ религион, националон къуммæй.
Евроцæдис бахахх кодта Гуырдзыстоны реализгонд размæцыд националон къадæрдæрты хъахъæды æмæ сæ гражданон интеграцийы фарстаты æмæ басидтис хицауадмæ адаргъ кæна снысангонд сферайы къахдзæфтæ.
Евроцæдис ныфс бадардта, цæмæй мидхъуыдтæгты министрады ногæй арæзт адæймагы барты департамент йæ къух сараздзæн эффектон реагирдзинадæн.
Афтæ дæр Евроцæдис райгонд у Гуырдзыстоны инициативайæ, кæцы бындурæвæрд у сылгоймæйгты ныхмæ тыхми æмæ бинонты æхсæн тыхмийы превенци æмæ скуынæгæн.
Диалогы хайадисджытæ бадзырдтой, цæмæй хъуамæ фæтыхджын уа бæстæйы уæвæг институтты фадаттæ сылгоймæгты фарстаты фарстылхæцынæн.
Евроцæдис ноджы иу хатт расидтис фæндон æмæ цæттæдзинад гражданон æхсæнады хайадисты фæдыл уыцы процессы кæцы адæмон хъахъæнæгы снысаны размæ уыд. Фарсытæ бадзырдтой цæмæй адаршъ кæндзысты куыст адæймагы барты хъахъæды къуымæй.
Евроцæдис баинтерес ис Афган Мухтарлийы хъуыдтагы фæдагуырды деталтæй æмæ басидтис Гуырдызстоны цæрæг адæймæгтæм барты хъахъæнæгæн æдас тыгъдады скæнын.
Адæймагы барты фæдыл диалог сырæзт 24-æм апрелы фембæлды фæстæ.
Диалог нысаниуæгджын роль хъазы Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ауæрæхгонд ассоцирдзинады фæдыл бадзырды реализацийы мониторингы процессы.