Евроцæдисы арæныл 150 000 адæймаг æнæзакъононæй ахызт. Уый фæдыл фидиуæн Евроцæдисы арæйнон куысты «Фронтексы» директор Фабрис Легери сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма карз кризисыл ныхас раджы у, фæлæ Фабрис Легери цалдæр проблематон маршруты уæддæр бавдыста. Сæ нымæцы ис Испани,Ю цы ран арæныл æнæзакъононæй ахизыны 57 мин цау сфиксир кодтой.
Райрæзтис аналогион цауты нымæц Туркæй Грецийы æрдæм цæуæг маршрутыл дæр. Легерийы дзырдæй зæгъгæ, уымæй бæрæг у, цæмæй «Фронтексы» куыстæн баххуыс кæнын æнæмæнгхъæугæ у.
Æнæкæсгæ уымæ, «Фронтексы» директор дзуры, цæмæй арæныл æнæзакъононæй ахизыны цаутæ ивгъуыд азтимæ абаргæйæ фæкъаддæр сты. Сæрмагондæй уый æххæссы Ливийæ Италимæ цæуæг мигранттæм. Ацы маршрутæй 2018 азы Европæмæ ныццыд 23 адæймаг. Кæцы 2017 азимæ абаргæйæ 80%-æй къаддæр у.