Евроцæдисы æрсидтысты Туркмæ, бахъахъхъæнæд ныгуылæн Уæрæсейы ныхмæ цы санкцитæ сфидар кодта
Евроцæдисы æрсидтысты Туркмæ, сæххæст кæнæд ныгуылæны æрдгæй Уæрæсейы ныхмæ сфидаргонд санкцитæ. Куыд евроцæдисы æддагон политикон уагдоны къухдриуæггæнæг, Жозеп Борел немыцаг медиаимæ интервьюйы куыд райхъусын кодта афтæмæй, Украинамæ Уæрæсейы лæбурды фæстæ, Анъкара æмæ Мæскуыйы æхсæн базарадон ахастытæ фæарфдæр сты, кæцы Евроцæдисы зæрдæхсайд райсайдта.
Афтæма йæ дзырдæй, хæст райдаыны фæстæ Турк Уæрæсейы продукцийы экспорт райрæзтис æмæ фылдæр уырыссаг нефт æлхæны.
Борел куыд дзуры афтæмæй, Анкара ма хъуамæ æххуыс кæнид Уæрæсейæн ныгуылæны фидаргонд санкциты иувæрсты ацæуын. Уый бахахх кодта уыцы факт дæр, ома Турк Евроцæдисы уæндзинады кандидат бæстæ у æмæ Брюссель æнхъæлмæ кæсы, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ фидаргонд сакнциты Евроцæдис уæнгтæм алы кандидат бахъахъхъæндзæн.
Бакой уын кæндзыстæм, ома Турчы æмæ Уæрæсейы президенттæ августы æрныхас кодтой, цæмæй экономикон æмгуыстад фæарфдæр кæндзысты.