«Националон Змæлды» партийæ æвзæрст парламенты уæнгты парламентмæ бацыды уынаффæ рахæссыны фæстæ, 150 депутатæй зæгъæн ис алчи сыххæст кæндзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгты æвзæрстытæ уыдонæн лæвæрд мандаттæ, уый ноджы иу позитивон къадзæф у Гуырдзыстоны демократон институттæ стыхджын кæныны æрдæм – уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы медиацийæ 19 апрелы бадзырды сыххæсты фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады æмæ АИШ-ы минæварады иумæйаг фидиуæны.
Афтæма, сидынц «Иугонд Националон Змæлды» уæнгтæм, цæмæй сæ мандаттæй контруктивонæй спайда кæной.
Уымæй уæлдай ма, фидиуæны мидæг разагъд у хъыгдзинад, цæмæй «Националон Змæлд» абон не спайда кодта фадатæй, баиу уыдаит æндæр парламентон партитæм æмæ 19 апрелы бадзырдыл бафыстаит къух.
«Тынг хъыг нын у, цæмæй Иугонд Националон Змæлд абон не спайда кодта фадатæй, æндæр парламентон партитæм баиу уыдаит æмæ 19 апрелы бадзырдыл бафыстаит къух. Иугонд Националон Змæлд æндæр æвзæрст партитимæ иумæ, æмбæрцæй бæрнон у, цæмæй конструктивонæй баиу уа парламенты куыстмæ политизацигондыл нымад расттæрхоны фарстæтæ аскуыддзаг кæнынæн, амбицион æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæ сыххæстæн схъæлæс кæнынæн æмæ лæмбынæг æркæсынæн, парламенты хицаудзинад райуæрсты хайад райсынæн, бирæ æндæр приоритеттимæ иумæ. Уый у ахсджиаг куыст, кæцыйæн æнæмæнгхъæугæ Гуырдзыстоны алы æвзæрст лидерæй бæрнон хайад райсын. Ацы бадзырдыл къухбафыссынæй, Иугонд Националон Змæлд равдыстаит цæттæдзинад сыххæст кæна ацы фундаментон рард Гуырдзыстоны, йæ æмбæстæгты, Евроцæдис-Гуырдзыстоны æмахасты æмæ Гуырдзыстоны евроатлантикон фидæны интерестæй рацæугæйæ.
19 апрелы бадзырд къухбафыссынмæ æргом уыдзæн куыд парламентон партийы лидертæн, афтæ парламенты хицæн уæнгтæн» – банысангонд у фидиуæны.