Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæварадты иумæйаг фидиуæн
Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæварадты иумæйаг фидиуæн

«Националон Змæлды»  партийæ æвзæрст  парламенты уæнгты парламентмæ  бацыды уынаффæ рахæссыны фæстæ, 150 депутатæй  зæгъæн ис  алчи сыххæст кæндзæн  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æвзæрстытæ уыдонæн  лæвæрд мандаттæ, уый ноджы иу  позитивон къадзæф у  Гуырдзыстоны демократон  институттæ стыхджын кæныны æрдæм – уый фæдыл  дзырдæуы  Евроцæдисы  медиацийæ 19  апрелы  бадзырды  сыххæсты фæдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварады æмæ АИШ-ы минæварады иумæйаг  фидиуæны.

Афтæма,  сидынц «Иугонд Националон Змæлды» уæнгтæм, цæмæй сæ мандаттæй  контруктивонæй спайда кæной.

Уымæй  уæлдай ма, фидиуæны мидæг разагъд у  хъыгдзинад, цæмæй  «Националон Змæлд» абон не спайда кодта  фадатæй,  баиу уыдаит  æндæр  парламентон  партитæм  æмæ 19 апрелы бадзырдыл бафыстаит къух.

«Тынг хъыг нын у, цæмæй Иугонд Националон Змæлд абон  не спайда кодта  фадатæй,  æндæр парламентон партитæм баиу уыдаит  æмæ 19 апрелы  бадзырдыл бафыстаит къух. Иугонд Националон Змæлд æндæр æвзæрст  партитимæ иумæ, æмбæрцæй  бæрнон у, цæмæй  конструктивонæй  баиу уа  парламенты  куыстмæ  политизацигондыл нымад  расттæрхоны  фарстæтæ аскуыддзаг кæнынæн, амбицион æвзарæнон  æмæ  тæрхонон реформæ сыххæстæн схъæлæс кæнынæн æмæ  лæмбынæг æркæсынæн, парламенты  хицаудзинад райуæрсты  хайад райсынæн, бирæ  æндæр приоритеттимæ иумæ.  Уый у ахсджиаг куыст, кæцыйæн æнæмæнгхъæугæ  Гуырдзыстоны алы æвзæрст  лидерæй бæрнон  хайад райсын.  Ацы  бадзырдыл къухбафыссынæй, Иугонд Националон Змæлд равдыстаит  цæттæдзинад  сыххæст кæна ацы фундаментон  рард Гуырдзыстоны,  йæ æмбæстæгты, Евроцæдис-Гуырдзыстоны æмахасты  æмæ Гуырдзыстоны евроатлантикон  фидæны интерестæй  рацæугæйæ.

19 апрелы  бадзырд  къухбафыссынмæ  æргом уыдзæн  куыд парламентон партийы лидертæн, афтæ парламенты хицæн  уæнгтæн» –  банысангонд у фидиуæны.