Евроцæдисы æддæ хъуыддæгты уагдæтты къухдариуæггæнджытæ Брюсселы æрымбырд сты
Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Брюсселы æрымбырд сты. Дипломаттæ актуалон æхсæнадæмон фарстæтыл уынаффæ кæнынц.
Сæ нымæцы боны фæткы бæрæг у, Гуырдзыстоны ацæугæ парламентон æвзæрстыты фæстæ цы уавæр сырæзтис, уый æркæсын. Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты советы рабадтæн къухдариуæг кæны фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеф Борели.
Фембæлды размæ Борели райхъусын кодта, цæмæй рабадтыл иуæй-иу сæйраг фарста АИШ-ы ног президенты администрациимæ фидæны æмахастытæ æмæ Евроцæдисы стратегион автономийы концепцийы фидæн уыдзæн.
Афтæма абон европаг дипломаттæ уынаффæ кæндзысты Венесуэлайы сырæзт уавæрыл, Белорус æмæ Турчы фарстæтыл. Боны дыккаг æрдæджы та плангонд у хатдзæгон прессконференци.