Евроцæдисы æддæ архæйдтыты  куыст план кæны Украинамæ Евроцæдисы бæстæтæй хæцæнгарзы  бадæттыны  аудит ауадзын
Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куыст план кæны Украинамæ Евроцæдисы бæстæтæй хæцæнгарзы бадæттыны аудит ауадзын

Евроцæдисы æддæ архæйдтыты  куыст Украинамæ Евроцæдисы бæстæтæй  æхсæнгарзы нылласыны аудит ауадзын   хъавы.  Рауагъдад  «Файненшл Таймс»  куыд фыссы афтæмæй,  аудиты  фæстиуджыты бавдыст   Евроцæдисы  лидерты саммитыл  план кæны, кæцы фыццаг февралы ацæудзæн.

Фæнысангонд  уынаффæ Евроцæдисы  уагдон  рахаста,  Германийы канцлер  Олаф Шольц  Украинамæ  Евроæдисы  бæстæтæй æхсæнгарзы  нылласыны сбарын куы æркуырдта уый фæстæ. Шольц æгæр цъусæй схуыдтæ  хæцæнгарзы  уыцы  бæрцуат,  кæцыйы адæттын   Киевæн Евроцæдисы бæстæты  фылдæр  29024  азмæ  план кæны. Германийы  лидер   Украинайæн æфсæддон æххуысы  райрæзын кæнынмæ сидтæй ралæууыд.

Рауагъдад куыд фыссы  афтæмæй,   фылдæр  æргомдзинадмæ сидтимæ Брюсселы уыцы бæрзонд гæстæ  сты разы, кæцытæ  нымайынц, цæмæй   иуæй-иу бæстæтæн сæ бон у  Украинайæн  критикон   моменты фылдæр хæцæнгарз раттын.

Жозеп Борелы уагдоны аудит æнцой кæндзæн   Евроцæдисы уæнг бæстæты   лæвæрд  æрмæджытыл. Уыимæ «Файненшл Таймсы»  хъусинагæй,  иуæй-иу бæстæты нæ фæнды   бæрæггæнæнты æххæстæй раргом кæнын.