Евроцæдисы лидертæ абон Белорусы цæугæ фæзындтæ æркæсдзысты. Саммит ацæудзæн видео-конференцийы режимы.
Европаг Советы президент Шарль Мишелы фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй, зæгъгæ Белорусы цы фæзындтæ цæуынц, уый бынтон нæрайсгæ у.
«9 августы æвзæрстытæ нæ уыдысты сæрибар æмæ рæстаг. Уый фæылдзог тыхмидзинад сабырадон демонстрантты ныхмæ, дисыæфтауæг уыд æмæ йæ бафауын хъæуы æнæмæнгæй. Ахæм митæ ракæнæг уæнгты дзуаппмæ раттын хъæуы. Евроцæдис рывнæлдта санкцитыл куыстмæ. Белорусаг адæммæ ис бар, сæхæдæг сæвзарой сæ фидæн. Уый тыххæй тыхмидзинад бауромын хъæуы æмæ хъуамæ райдайæт сабырадон æмæ инклюзивон диалог. Белорусы хицауад хъуамæ равдиса адæмы фæнд. Нæй гæнæн Белоруы цæугæ процесстæм æддæйæ хифæкæнын дæр», – дзырдæуы Шарль Мишелы фидиуæны.
Белорусы протестон рацыдтæ, 9-æм августы президентон æвзæрстыты уæлахиздзауыл Александр Лукашенкойы куы банымадтой, уый фæстæ райдыдтой.