Евроцæдисимæ æнæвизæ змæлдæй пайдагæнæг бæстæты æмбæстæгты бахъæудзæн бар райсын æмæ авд евро бафидын
Европæмæ æнæвизæйæ абалц кæныны агъоммæ, æнæвизæ змæлдæй пайдагæнæг бæстæты æмбæстæгты бахъæудзæн барлæвæрд райсын æмæ авд евро бафидын. Æмбæлон бадзырдмæ абон æрцыдысты европарламент æмæ Евройæдисы совет.
Публикацигонд пресс-релизы куыд у банысангонд афтæмæй, уыцы бæстæты æмбæстæгты, кæцытæ Евроцæдисиммæ æнæвизæ змæлды бадзырдæй пайда кæнынц, Европæмæ абалц кæныны размæ, авторизаци ацæуынæн, онлайн анкетæ баххæст кæнын æмæ авд евро бафидын бахъæудзæн.
«Анкетæмæ хаст информаци автоматон режимы æрцæудзæн сгæрст Евроцæдисы æмæ Интерполы бæрæггæнæнты базæйы, кæ1цыйы бындурыл сбæрæг уыдзæн, ис æви нæ конкретон æмбæстагæн Европæмæ бацæуыны бар. Кæд системæ гуырысхойаг ницы ссардта, Европæмæ ацæуыны барлæвæрды æмбæстаг райсдзæн æнæаргъæвгæйæ. Еворлпæмæ балц кæныны авторизаци лæвæрд цæуы æртæ азы æмгъуыдæй» – дзырдæуы пресс-релизы.
Ацы рæстæджы, еврокамисы куыд дзурынц афтæмæй, уыцы цауы кæд æмæ анкетæйы бавдыст информаци нымад æрцæудзæн гуырысхойагæй, уæд æй сæрæй басгардзысты. Ацы цауы европæмæ ацæуынæн барлæвæрды райсыны æмгъуыд у 96 сахат, кæнæ та 4 боны.
Фыццаг этапыл Европæмæ балц кæныны бар райсын уыцы æмбæстæгты бахъæудзæн, кæцытæ балц кæнынц хæдтæхæг кæнæ науæй. Системæйы скусын кæнынæй æртæ азы сæрыл аналогион документы басгарын хæсджын уыдзысты автобусты уыцы компанитæ, кæцытæ æхсæнадæмон рейсытæ æххæст кæнынц.
Еврокамисы пресс-релизы куыд дзырдæуы афтæмæй, Европæмæ балцы информацион æмæ атворизацийы системæ (ETIAS)-ы фæдыл европарламентимæ бадзырды фæстæ, документæн хъуамæ схъæлæс кæной европаралменты депутаттæ.
Европæмæ балцы информацион æмæ авторизацийы системæ 2020 азæй скусдзæн.