Евроцæдис уырыссаг газы импорт ацы аз дыууæ æртыккæгæмæй фæкаддæр кæндзæн, 2030 азмæ та, нефт æмæ газы импорт æххæстæй аскъуындзæн
Евроцæдис уырыссаг газы импорт ацы аз дыууæ æртыккæгæмæй фæкаддæр кæндзæн, 2030 азмæ та, нефт æмæ газы импорт æххæстæй аскъуындзæн, цæмæй дæр уырыссаг энергоресурстыл баст нал уыдзæни. Уый фæдыл «CNN» Евроцæдисы ахæлиугонд информацийыл æнцойæ хуъсын кæны.
Медийы хъусинагæй, Евроцæдис планы æххæст кæныны æрдзон газы фæстауæрцы диверсификацийæ план кæны. сæрмагондæй та, тæнгъæд газы импорты æмæ газдадзæнтæ райрæзын кæныны хардзыл, кæцы нæ уыдзæн Уæрæсейыл иугонд. Афтæма, биометаны æмæ ноггæнгæ донгуыр амал кæныны мæ импорты гуырахст фылдæр кæннæй. Хæдзæртты бæстыхæйтты, кондадты æмæ энергосистемæйы къахгæ артагæй фæлхас кæнын цырддæр фæкаддæры фæрцы, энергоэффективондзинад райрæзын кæнынæй, ноггæнгæ энергийы æмæ электрификацийы рæзтæй æмæ инфратсруктурæйы куылымпызинæдтæ схафыны фæрцы» -банысан кодтой Евроцæдисы.
«CNN»-ы информацийæ, абоны бонмæ Евроцæдис импортиргонд æрдзон газы 40% исы Уæрæсейæ. Афтæма Уæрæсе ифтонг кæны Евроцæдисы нефты 27 %-æй æрвылазонæй.