Евроцæдис уынаффæ кæны Гуырдзиаг кондаттæн аккредитацитæ раттыны фарстыл
Евроцæдисы райдыдта кæсын гуырдзиаг кондадтæн аккердитацийы гæнæн раттыны фарст, кæыимæ баст процедурæтæ æввахсдæр фидæны райдайдзæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили æмæ еврокамисар базарады фарстыты Сесилия Мальстром абоны фембæлдыл бадзырдтой, кæцы Брюсселы Еврокамисы сырæзт.
Хицауады администрацийы информацийæ, евроцæдисы аккредитацийы стандарттæм æмбæлон уыны руаджы, кондадтæн фæзындзæн фадат сæрмагонд проукцийы экспорт Евроцæдисы базарымæ сæххæст кæной.
Премьер-министр æмæ еврокамисар, афтæдæр фæныхас кодтой Гуырдзыстоны-Евроцæдисы базарадон-экономикон ахастытыл, арв æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырдæй зæрдылдард фадтæттæй спайдайыл æмæ хаххгондæй банысан кодтой ацы æрдæм уæвæг прогресс. Сæрмагондæй банысан ис Гуырдзыстоны æмæ евроцæдисы æхсæн уæвæг рæзгæ базарадон динамикæ – сæрмагондæй та, уыцы факт, кæцымæ гæсгæ дæр 2017 азы дæргъы Гуырдызстонæй Евроцæдисы бæстæтæм экспорт 13%-æй райрæзт æмæ æдæппæт 647 милуан доллармæ аххæссыд. Афтæдæр банысан ис инвестициты æрдгæй, уæвæг æвæрццаг тенденци, кæцы Европæйæ инвестициты 6%-джын рæзынадæй фæбæрæг æмæ 2017 азы дæргъы, зæгъæн ис 445 милуан доллармæ аххæссыд.
Фæрстæ разагъдтой ныфс, цæмæй Гуырдзыстон-Евроцæдисы базарадон-экономикон ахастыты уæвæг позитивон динамикæ адарддæр уыдзæн æмæ арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырды æнтыстджын имплементаци, гуырдзиаг кондадтæн ноджы фылдæр фæрæзтæ ратдзæн. Фембæлдыл уыдысты Гуырдзыстоны фыццаг вице-премьер, экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр Димитри Кумсишвили æмæ министры хæдивæг Геннади Арвеладзе.