Евроцæдис Уæрæсейы Думайы 351 депутатæн, афтæма 27 физикъон æмæ юридикъон уæнгтæн санкцитæ сфидар кодта
Евроцæдис Уæрæсейæн санкцитæ сфидар кодта. Æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борелы дзырдæй, зæгъгæ санкцитæ фидар кæнынц Уæрæсейы Думайы 351 депутатæн, кæцытæ сразы сты оккупацигонд Донбас æмæ Луганскы а.х. хæдбарад банымадимæ. Уый фæдыл фыссы «Ройтер».
Афтæма, санкцитæ сфидар кодтой 27 уырыссаг физикон æмæ юридикон уæнгæн, афтæ банкъытæн, хъахъхъæнынады секторæн æмæ арæн кæны рæувадатдзинад Уæрæсейæн Европæйы финансон базартæм.
«Санкциты ацы пакет,кæцы æмхъæлæсонæй райстам, Уæрæсейæн стыр зиан æрхæсдзæн» – райхъусын кодта Жозеп Борел.