Евроцæдис Уæрæсейæн   уæлдæфон тыгъдад æхгæны
Евроцæдис Уæрæсейæн уæлдæфон тыгъдад æхгæны

Евроцæдис Уæрæсейæн   уæлдæфон тыгъдад æрыхгæдта.  Уый фæдыл  Еврокомиссийы  президент Урсула фон дер Лайен  фыссы  социалон хызаг  «Твиттеры.

«Æхгæнæм   евроцæдисы  уæлдæфон   тыгъдад  Уæрæсейы сæрмагонд, Уæрæсейы регистрацигонд  кæнæ  Уæрæсейы  контролгонд  хæдтæхджытæн.  Уыдонæн нæ уыдзæн бар сбадын,  стæхын,  кæнæ евроцæдисы  территорийы сæрты  тæхын, уый нымæцы   олигархты  хисæрмагонд хæдтæхджытæн» – фыссы  Урсула  фон дер Лайен.

Уый æддæмæ ма йæ ныхæстæм гæсгæ,   евроцæдис сфинанс кæндзæн   Украинайæн  хæцæнгарзы æмæ хæстифтонгад  балхæд  æмæ   бадæттын.

Урсула фон дер Лайен  куыд банысан кодта афтæмæй,  Евроцæдис  баххуыс кæндзæн    организацийы  хурыскæсæны  уæнгтæн, кæцытæ  исынц  украинаг лигъдæтты.

«Президент зеленскийы  лæгдзинад æмæ украинаг адæмы  хъæддыхдзинад ныл тыхджын тæлмæн скодтой.   Алкæмæн тынг кæнæм нæ къухтæ, чидæриддæр Путины бомбæтæй хиайсын сфæнддзæн.  Æххуыс кæнæм   Евроцæдисы хурыскæсæйнаг уæнгтæн,  лигъдæтты  райсынæн  æмæ   сыл аудын кой кæнынæн» – фыссы  Урсула фон дер Лайен.