Евроцæдис Сирийы хицауадæн санкцитæ ноджы иу афæдзæй адарддæр кодта, кæцы уый нысан кæны æиæ президент Асады режимы ныхмæ уагæвæрд санкцитæ 2019 азы фыццаг июны сæ тыхы баззайдзысты.
«Сирийы æмбæстæгты ныхмæ уæвæг тыхмийы зæрдыл даргæйæ ахицæн кодтам адарддæр кæнæм санкцитæ Башар Ал Асады æмæ йæ æмцæдисонты ныхмæ» -дзырдæуы организацийы ахæлиугонд фидиуæны.
Ацы рæстæгмæ Евроцæдисы уæнг паддзахадты территоримæ бахизын фæдзæхт уыдзæн 259 уæнгæн, санкцион номхыгъды ис 67 компани. Уымæй уæлдай ма, санкцитæ æххæссынц, нефтыл эмбаргомæ, салд хыгъдтæм æмæ экспортон арæнæвæрдтæм.