Евроцæдис райгонд у,Гуырдзыстоны, политикон партиты къухбафыст бадзырдæй
Евроцæдис, Гуырдзыстоны политикон партитæ цы фидыдмæ æрцыдысты уымæй райгонд у. Уый фæдыл дзырдæуы, Евроцæдисы æддагполитикон уагдоны пресс-спикеры куырдиаты.
«Хуыцаубоны, сæйраг политикон партитæ Гуырдзыстоны, æрныхас кодтой конституцион ивддзинæдтыл, кæцы æвзарæнон системæимæ у баст æмæ сфидар кодтой æмбæлгæ меморандум. Фарсытæ афтæдæр къух бафыстой иуæмйаг куырдиатыл, кæцыйы мидæг хаххгонд у, цæмæй цас нысаниуæгджын у уый æмæ 2020 азмæ пълангонд парламентон æвзæрстытæ, сæрибар æмæ рæстаг уа, афтæдæр, аиуварс кæнын ахæм къахдзæфтæй, кæцытæ гæнæн ис нымад цæуой куыд Гуырдзыстоны расттæрхоны æмæ æвзарæнон процессты æнæмбæлгæ политизаци.
Уый у æртæмæййон интенсивон бадзырдты фæстиуæг, кæцыйы фасилитатортæ уыдысты Евроцæдисы, Германийы, Европаг Советы æмæ АИШ-ы минæвæрттæ Гуырдзыстоны. Райгонд стæм ацы бадзырдæй. Уый у нысаниуæгджын æмæ цæстуынгæ сигнал, алы фарсы политикон лидертæй, кæцы æвдисы Гуырдзыстоны зианхæссæг политикон поляризаци фæкаддæр кæныны фæндон. Арфæ кæнæс къухбафыссæг фарстыæн, уымæн æмæ фыццаг бынатыл, Гуырдзыстоны æмбæстæгты интерестæ æмæ Гуырдзыстоны демократийы консолидацидзинад слæууын кодтой.
Уырны нæ цæмæй алы фарс дæр бакоммæ кæсдзæн æмæ ифтонг скæндзæн бадзырды æнтыстджынæй райст парламенты æввахсдæр къуыриты æмæ стæй та йæ эффективонæй скусын кæнын. Курæг стæм алы партийæ, цæмæй цырд æмæ æххæстæй сыххæст кæнæнт ЕÆÆО-ы æмæ адæймаджы барты æмæ демокративон институтты офисы рекомендацитæ, цæмæй пълангонд æвзæрстытæ райсой æууæнк бæрзонддæр гъæд гуырдзиаг адæмы æмæ æхсæнадæмон дзыллæй æрдгæй» – банысангонд у куырдиаты.