Евроцæдис коронавирусы тасы сегасæй бæрзонддæр æмвæзад райхъусын кодта. Уый фæдыл куырдиат сарызта Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайен.
«Европæйы низты контролы æмæ превенцийы центры абон райхъусын кодтой, цæмæй Европæйы коронавирусæй фæрынчыны рискъ иууыл бæрзонд нысаны онг рæзы. Æндæр ныхæстæй, вирус дарддæр хæлиу кæны», – райхъусын кодта Урсула фон дер Лайен.
Еврокомиссийы президент афтæдæр загъта, цæмæй Евроцæдисы уæнг 27 паддзахадæй, вирус, 18 бæстæйы фæбæрæг ис æмæ инфициргондты нымæц 2100-мæ ахæццæ ис. «COVID19»-æй Евроцæдисы 38 æмбæстаг фæмард.
Евроцæдисы масштабæй инфициргондты сеппæтæй фылдæр цау Италийы сфиксир ис.