Евроцæдис хъавы, снысан кæна специалон минæвары, кæцы бакусдзæн санкциты сыххæсты фарстайыл
Евроцæдис хъавы, снысан кæна специалон минæвары, кæцы бакусдзæн санкциты сыххæсты фарстайыл

Евроцæдис хъавы снысан кæна специалон минæвар, кæцы  санкциты фарстайыл  бакусдзæн.

«Файненшл Таймсы»  хъусинагæй,   ацы  постыл  кастæуы   АИШ-ы   Евроцæдисы   раздæры  минæвар, Девид  О’Салливаны  снысан кæнын. Уый æнхъæлцау  куыстмæ æрывналдзæн  ног азæй.

Йæ хæс уыдзæн, Евроцæдисы  фидаргонд  санкциты куыд æмбæлы афтæ  сæххæст срæвдз кæнын.

«Файненшл Таймсы»  хъусинагæй,  санкциты  фарстатыл кусæг   специалон     минæвар, фокусиргонд уыдзæн   ахæм бæстæтыл, цахæмдæр у Турк, Серби æмæ  Арабты Иугонд Эмираттæ, кæцытæм дæр, санкциты сыххæсты æрдгæй  фарстытæ бонæй-бон  арæхдæр хъуысынц.

Бритайнаг рауагъдадæн Евроцæдисы бæрзонд гæс куыд загъта афтæмæй,   ацы  постыл  Девид  О’Салливаны снысан кæныны фæдыл уынаффæ Еврокомисси 13 декабры  рахæсдзæн.