Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты уагдон Гуырдзыстоны Европаг Скъолайы байгомы тыххæй фыссы. Евроцæдисы æддагхъуыддæгты уагдоны ахæлиугонд прессрелизы куыд дзырдæуы афтæмæй, ай у фыццаг европаг скъола кæцы байгом ис Евроцæдисы арæнты æддæйæ.
Скъолайы байгом у Гуырдзыстоны хицауады æмæ Евроцæдисы иумæйаг инциативæ æмæ ахуыргæнæндоны ахуыры фадат уыдзæн куыд гуырдзиаг, афтæ æндæр бæстæтæй æвзонгтæн.
«Европаг скъола йæ фæдыл цæуы уникалон моделæн кæцы бындурæвæрд у европаг æмæ æхсæнадæмон хæзнатыл – мультикультурондзинад, сабырад æмæ толерантондзинад», – дзырдæуы пресс-релизы.
Европаг скъолайы арæзтадæн бындур æрывæрдтой Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, ахуырады министр Михеил Батъиашвили, Тбилисы мэр Къаха Каладзе æмæ европагæй сыхгон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты еврокамисар Йоханнес Ханн.
«Куыд евроцæдис афтæ мæхи приоритет дæр у Евроцæдисы сыхаг бæстæты æвзонг адæмæн баххуыс кæнын, цæмæй сæм фылдæр фадæттæ фæзына, райсой ног фæлтæрдтæ, кæцытæ сын куыст ссарынæн уыдзысты ахъаз. Уый аххосæй мах Скæсæн Партнерады программæйы æвзонгты æмæ ахуырады финансдзинад фæдывæр кодтам æмæ æрцыдыстæм нысаниуæгджын фæстиуджытæм. Европаг скъолайы байгом у иттæг нысаниуæгджын дæнц нæ аууæлы, ома æмбæстæгтæ рахатинаг пайдайыл æххæст хъуамæ уой»- райхъусын кодта Йоханнес Ханн.
Пресс-релизы куыд дзырдæуы афтæмæй, скъола Тбилисмæ хæстæг уæвæг лисийы цады цур уæвы, æмæ фыццаг ахуыргæнинæгты 2023 азы райсдзæн. Сæ нымæцы уыдзысты гуырдзиаг. Сомихаг, азербайджайнаг, белорусаг, молдовайаг æмæ украинаг æвзонгтæ.
«Инициативæ æнцойæвæрд у 2018 азы сентябры райдайгæ стипендион программæйыл, кæцы фадат дæтты 17-18 аздзыд æывзонгтæн гуырдзыстонæй, Сомихыстонæй, Азербайджанæй, Белорусæй, Молдовæ æмæ Украинайæ ацæуой академион программæ, кæцы арызт у Европаг Скъолайы системæйæ», – банысангонд у пресс-релизы.
Евроцæдисы æддагполитикн уагдоны ахæлиугонд пресс-релизы куыд у банысангонд афтæмæй, Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы еврокамисар Йоханнес Ханнæн уыд фадат фембæлдаит Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ, афтæдæр Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ, парламентартимæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдаримæ, кæцытыл Гуырдзыстоны цæугæ фæзындтæ афæлгæстой.