Евроцæдис Гуырдзыстонмæ визæты либерализацийы бадзырдæй химæ ист хæстæ сæххæсты фæдыл, рекомендацийæ æрсидтис
Евроцæдис Гуырдзыстонмæ визæты либерализацийы бадзырдæй химæ ист хæстæ сæххæсты æрдгæй, рекомендацийæ æрсидтис. Уый фæдыл дзырдæуы, еврокамисы абон публикацигонд хыгъдлæвæрды, кæцы фыссы визæты либерализацийы æрдгæй Гуырдзыстоны хæстæ æххæсткæныны фæдыл.
Хыгъдлæвæрды автортæ сидынц, Гуырдзыстоны хицауадмæ, адарддæр кæна æнæвизæ змæлды режимы æгъдæутты амонæг информацион кампанитæ, афтæдæр кæронмæ бакæна, миграцийы анализы системæйы æрфидар.
Ноджы иу нысаниуæгджын фарстæй еврокамиы нымайынц Гуырдзыстны æмæ Европолы æхсæн баххæстгонд бадзырды æххæстæй скусын кæнын. Афтæма, хыгъдлæвæрды автортæ сиыднц Гуырдзыстоны хицауадмæ кæронмæ бакæна полицийы реформæ, æрфидар кæна фыдракæнды анализы иууон системæ æмæ фæтыхджындæр кæна арæйнон куыстыты æхсæ æмкуысткæнынад.
Ноджы иу рекомендацийы мидæг, еврокамис сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, фылдæр тыхайрхайд равдиса æмæ скусын кæна хцайы ссурс кæныны ныхмæ æмæ антидискриминацион закъондæттынад, цæмæй сæ имплементаци эффективонæй сыххæст уа.