Евроцæдис –Гуырдзыстонæн 20 милуан евройæ фылдæр ног уæлрадон æххуысы нысанæн рауæлдай кæндзæн æмæ уæвæг программæтæй 70 милуан евройæ фылдæр æрвыст æрцæудзæн кризисыл фæтыхуыны æрдæм
Евроцæдисы минæварад Гуырдзыстоны хъусын кæны, цæмæй æххуыс кæны бæстæтæн коронавирусы кризисæй расайгæ быцæусидтæн бафæразын. Организацийы ахæлиугонд куырдиатмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн уый нысан кæны 20 милуан евройæ фылдæр суммæ рауæлдай кæнын ног сæрмыгонд æххуысæн. Афтæдæр æрцæудзæн ацы рæстæгмæ архайæг программæтæн рахицæнгонд 70 милуан еврройæ фылдæр суммææйы æрвыст кризисыл фæтых уыны нысанæн æмæ æнæ иу регионалон фонды рæувадатдæр скæнынæн. Уый у Скæсæн Партнерадæн нысангонд æххуысы стыр пакеты иу хай, кæцы æххæссы 140 милуан евройы бæрц ног æххуысмæ æмæ Скæсæн партнерады бæстæтæн рауæлдайгонд 700 милуаны онг евройы æххуыс фæхæццæ кæнын.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл та райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ ацы вазыгджын афон, Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууы.
«Абон мын тынг цин у райхъусын кæнын, Евроцæдисы специалон солидарондзинады пакеты тыххæй, кæцы Гуырдзыстонæн коронавирусы быцæусидтæн бафæразынæн æмæ бахъом уыны хъуыддаджы баххуыс уыдзæн. Цæмæй æнæаргъæвгæ реагир кæнынад ма бафæстиат кæна, уый тыххæй Гуырдзыстонæн рæувадат уыдзæн Скæсæн Партнерады бæстæтæн рахицæнгонд 30 милуан евроæйы аргъы регионалон уæлрадон медицинон ифтонггæрзтæ æмæ аппаратурæ, цахæм дæр сты маскæтæ, халаттæ, рæуджыты аразгйæйæ вентиляцийы аппараттæ, лабораторион комплекттæ; Евроцæдис Гуырдзыстонæн афтæдæр баххуыс кæндзæн эксперттимæ кнсультацитæй. Фæдылдзог мæйты Евроцæдис 70 милуан евройæ фылдæр суммæ æрымбырд кæндзæн, цæмæй баххуыс кæна гуырдзиаг бизнестæн, кризисы фæстæ сæ компаниты баахъаз кæнын æмæ сæндидзын кæныны нысанæн гранттыл æмæ ларийæ кредитты, рæувадат дæр скæныны фæрцы. Уымæй уæлдай ма, æввахс мæйты Гуырдзыстоны пълан кæнæм 20 милуан Евроæйы бæрцæй уæлæмхас бынæттон нысанон грантон программæтæ райдаын. Ныфс нæ ис æмæ уырнæг стæм, цæмæй ацы мадзæлтты фæрцы, рахатиинаг хайбавæрд скæндзыстæм уыцы цæугæ хиуылнæауæрдгæ куысты, кæцы кæнынц Гуырдзыстоны хицауад æмæ цæрджытæ»- хъусын кæны Карл Харцелл.