Евроцæдис Гурдзыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хъæуты рæзынадæн уæлæмхасæй 55 милуан евро рауæлдай кодта
Евроцæдисы ENPARD –ы программæйы цыппæрæм фазæ Гуырдзыстонæн уæлæмхасæй баххуыс уыдзæн хæлцады æнæзианы æмæ стандарттæ æрфидар кæныны, цæмæй бæстæйы хуыздæр хъахъхъæд уа фæлхасгæнджыты бартæ æмæ сырæза гуырдзиаг продукцийы Евроцæдисы бæстæтæм экспорты потенциал – уый фæдыл дзырæдуы Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады ахæлиугонд информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, программæ адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарад тынг кæнынæн æххуыс æмæ хъæуты цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн къух аразын.
Хъæуты æмæ хъæууон хæдзарад рæзынады Европæйы сыхагон программæ (ENPARD IV) –ы цыппæрæм фазæ райдайыныл, кæцыйы бюджет 55 милуан евройы бæрц у, къух бафыстой гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл æмæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Давит Залкалиани.
Гуырдзыстоны евроцæдисы минæварады æмбарынгæнæнæй, ацы æххуыс Евроцæдисы æмæ ИНО-йы балæй, Гуырдзыстонæн «Ковид-19»-ы æртъхъирæнтыл фæтыхуыны нысанæн рауæлдайгонд бирæ стырдæр æххуысы хай у.