Евроцæдис фауы  Сирийы режимы æрдгæй,   Гуырдзыстны регионты хæдбар паддзахадтыл  «нымадмæ ист»
Евроцæдис фауы Сирийы режимы æрдгæй, Гуырдзыстны регионты хæдбар паддзахадтыл «нымадмæ ист»

Евроцæдис фауы  Сирийы режимы æрдгæй,   Гуырдзыстны регионты – Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны»  хæдбар паддзахадтыл   «нымадмæ ист»  æмæ  семæ  дипломативон   ахастыты  æрфидар кæныны фæдыл  скуыддзаг.  Уый фæдыл  дзырдæуы,   Евроцæдисы   æддæ ахастыты  куысты  ахæлиугонд  фидиуæны.

«Ай у  æхсæнадæмон барады  æмæ  территорион  æнæхъæндзинады   принципы  халын.  Евроцæдис  æххæстæй  йæ фарс  хæцы  Гуырдзыстны суверенитетæн æмæ  территорион    æнæхъæндзинадæн  æхсæнадæмонæй  разы  арæнты» –  хъусын кæнынц Евроцæдисы.

Сирийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад, абон райхъусын кодта,  цæмæй   оккупацигонд   Абхазийы æмæ   «Хуссар Ирыстоны»  нымадмæ райста.

Гуырдзыстон  Сирийимæ  дипломативон  ахастыты  аскъуыныны  процедурæтæ райдыдта.