Евроцæдис Бесланы трагедийæ 15-æм азы сæрмæ гæсгæ специалон фидиуæн ахæлиу кодта
Евроцæдис Бесланы трагедийæ 15-æм азы сæрмæ гæсгæ специалон фидиуæн ахæлиу кодта. Евроцæдисы æддæ хъуыддæгты уагдоны веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Евроцæдис солидарондзинад æвдисы алкæмæн, чидæриддæр Бесланы сæххæст теракты рæстæджы уарзон адæймагæй фæхъуаг ис.
«2004 азы 1-аг сентябры номыр фыццæгæм скъоламæ Бесланы, террористтæ балæбурдтой. Фынддæсæм азы сæрыл мах мысæм 300-йæ фылдæр амæттагы, сæ нымæцы 186 сывæллоны, кæцытæ æртæ боны дæргъы фæхъуыдысты. Солидарондзинад æвдисæм æмæ сын сæ фарс хææм уыдоæнæн, чидæриддæр уарзон адæймагæй фæхъуаг сты. Терроризмы бынат, дунейы никуы ис» – дзырдæуы Евроцæдисы фидиуæны.
Абон Бесланыæрцæугæ трагедийæ 15 азы рацыд.