Евроцæдис æмæ дæс паддзахад, сæ нмыæцы Гуырдзыстон, аразгæ интеллекты фæдыл Европæйы Советы конвенци бафыстой
Евроцæдис æмæ ноджы дæс паддзахад, сæ нымæцы АИШ, Стыр Британи, Андоррæ, Гуырдзыстон, Исланди, Норвеги, Молдовæ, Сан-Марино æмæ Израил къух бафыстой Ервопæйы Советы фæлгæтконвенцийыл аразгæ интеллекты æмæ адæймаджы барты, демократийы æмæ закъоны сæйрагдзинады фæдыл.
Европæйы Советы веб-фарсыл куыд дзырдæуы афтæмæй, уый у фыццаг æхсæнадæмон бадзырд аразгæ интеллектæй спайдайы фæдыл, кæцыйæн уыдзæн æнæмæнгхъæугæ юридиокн тых. документ, кæцыйы нысан у аразгæ интеллекты системæтæй спайдайы «æххæстæй æмбæлон скæнын адæймаджы бартимæ, демократиимæ æмæ закъоны сæйрагдзинадимæ», къухбафыссынæн гом у. документы автортæ хъусын кæнынц, цæмæй бадзырд «йæ къух сараздзæн прогрессæн æмæ инновацитæн аразгæ интеллекты сферæйы», иурæстæгонæй ахъаззаг уыдзæн уыцы тасы фæткдæттынæн, кæцытæн фемдзыд вæййынц аразгæ интеллектимæ.
Европæйы Советы генералон нымæрдар Мария Пейчинович-Бурич райхæлдта, цæмæй аразгæ интеллекты райтынг «хъуамæ æмбæлон уа стандарттæм æмæ сын сæ бын ма хъуамæ къаха».
Фæлгæтконвенци бакуыстæуыд Европæйы Советы 46 бæстæйы æмæ 11 æнæуæнг паддзахады (Аргентинæ, Астрали, Ватикан, Израил, Канадæ, Коста-Рикæ, Мексикæ, Перу, АИШ, Уругвай æмæ Япони) æмкуыстгæнгæйæ. Документ регулир кæны куыд паддзахады, афтæ хицæн компаниты аразгæ интеллектæй фæлхаскæнынад æмæ фарсыты хæсджын кæны, басгарой ахæм технологитæй спайда адæймаджы барты стандартты хъахъхъæд, кæнæ сфидар кæной тобæ се спайдайыл, кæд ацы домæны сæнæмæт кæнын гæнæн нæй.
Бадзырд афтæдæр йæ хъуыдыйы дары бæрæг мадзæлттæ ауадзын, цæмæй аразгæ интеллекты системæтæй ма спайда кæной демократон институтты æмæ процессты, афтæма хицаудзинады райуæрсты, тæрхонон хицауады хæдбарады æмæ расттæрхоны рæувадатдзинады принциптæ фехъусын кæнынæн.
Марты конвенци сбæлвырд кодтой Европарламенты депутаттæ, æрмæст майы документ райстой Европæйы советы уæнгтæ.