Евроцæдис абон  Ираны ныхмæ санкциты ног пакет сфидар кæндзæн
Евроцæдис абон Ираны ныхмæ санкциты ног пакет сфидар кæндзæн

Æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары  Жозеп Борелийы  фидиуæнæй,  абон  Евроцæдис Ираны ныхмæ ног  санкцитæ  сфидар кæндзæн.

«Абон Ираны ныхмæ  санкциты ног пакет  райсдзыстæм. Санкцит сфидар уыдзæн  уыцы адæймæгты  ныхмæ, чидæриддæр  бæрнон сты  демонстрантты репресситы.  Знон фæныхас кодтон  Ираны  фæсарæн хъуыддæгты министримæ.  Æркастыстæм  а.х.  атомон  бадзырд  афтæма Ираны æрдгæй  Уæрæсейæн   æфсæддон æххуыс, кæцы бауромын хъæуы», – банысан кодта  Жозеп Борел Брюсселы, цы ран  Евроцæдисы  уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлд цæуы.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ евроцæдисмæ  ис  бæлвырдгæнæнтæ, ома Иран Уæрæсеæн дæтты дронтæ.  Ракетæтæй ифтонгады тыххæй  та, Борелы дзырдæй,   Брюсселмæ зæгъгæ нырма нæй   уый бæлвырдгæнæн æгъгъæд документаци.