Евроцæдисы институттæ хъуамæ бацархайæт, цæмæй проевропаг паддзахадтæ, цахæмдæр у Гуырдзыстон, фидæны дæр евроцæдисы сæ кæройнаг нысаныл нымайæт, – банысангонд у рауагъдады «Евроактивы» публикацигонд Пол Вандорены статийы. Пол Вандорен Хорватийы æмæ Уæрæсейы Евроцæдисы раздæры минæвар у.
«Фылдæр, хурыскæсæны, Хуссар Кавказ, евроцæдисæн ноджы иу нысаниуæгджын регион у. Гуырдзыстонæн æнæмнæгæй ис проевропаг (æмæ проНАТО-йаг) хицауад, кæцыйы лидертæ не мбæхсынц, цæмæй сæ æцæгдæр фæнды ацы дыууæ эксклюзивон ныгуылæйнаг клубы уæнгæй суæвын», – фыссы Вандорен.
Хорватийы евроцæдисы раздæры минæвар афтæдæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады ацы пълан афтæдæр тынг популярон у дзыллæйы æхсæн, уымæн æмæ цæрджыты 80 процент разы сты Евроцæдисы æмæ НАТО-мæ уæнгæй суæвын. Статийы афтæдæр ис кой 2016 азы къухбафыст ассоциацигонд бадзырдыфæдыл, кæцы атворы дзырдæй, тынг амбицион уыд.
«Евроактивы» статийы афтæдæр дзырдæуы Уæрæсейы факторы фæдыл. «Ис иу фактор, кæцы алцыппæт зын кæны, 2008 азы хæсты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны 20 процент, Уæрæсе оккупаци скодта, æз Мæскуыйы Евроцæдисы минæварады куы куыстон уæд», – фыссы раздæры минæвар.
Пол Внадорин куыд фыссы афтæмæй, зæгъгæ Брюссель хъуамæ сифтонг кæна уый, цæмæй ахæм бæстæтæ, цахæм дæр у Гуырдзыстон, Евроцæдис сæ сæйраг нысаныл нымайæт. Статийы атовр Евроцæдисæн фæдылдзог къахдзæфты пълан дæр æнхъары æмæ хъусын кæны, цæмæй фыццаг къахдзæф зæгъгæ, бæстæйæн æргомæй æххуыс æмæ йæ æнтыстыты банымад хъуамæ уа.
«Гуырдзыстоны нырыккон хицауад, экономикон ренессансы цæстæйфенæг ссис. Гуырдзыстон ныр бизнесы сæрибары рангы, æвдæм бынатыл ис æмæ евроцæдисы 27 бæстæйæ 26 йæ фæстæ фæуагъдта. Экономикон сæрибары æмвæзадæй та, 12 бынатыл ис. Хицауад мæгуырдзинад фæкъаддæр колдта 50 процентæй. Дунейон Банкъы бæрæггæнæнтæй, бæстæйы цæрджытæ хицауады социалон политикæйæ æмæ ног экономикон фадæттæй спайда кодтой. Ахæм æнтыстытæн æргомæй скад кæнын хъæуы», – фыссы автор.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстонæн æххуыс хъуамæ адарддæр уа коронавирусы кризисы фæстæ дæр.
«Инспирацийæн, Фон Дер Лайены комисси хъуамæ бакæса балтийы бæстæты æмæ Хорватийы дæнцмæ, цы ран проныгуылæйнаг реформаторон æмæ Европæйы ориентацигонд бæстæтæ сты, – баиу ут, Баиу ут, бауи ут», – фыссы Вандорен.