Euronews – Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Тиранайы саммитыл европæйаг лидертимæ ныхас кæны, кæцы Евроцæдисимæ ахастыты фæхъармдæр кæны
Euronews – Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Тиранайы саммитыл европæйаг лидертимæ ныхас кæны, кæцы Евроцæдисимæ ахастыты фæхъармдæр кæны

«Евроньюс» Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы Европолитикон Цæдисы 6-æм саммиты хайадисты фæдыл æрмæг публикаци кæны. Статьяйы банысангонд у, цæмæй 16-æм майы Албанийы сæйраг сахар Тиранайы уагъд саммитыл Ираклис Къобахидзейы æрбацыд нысан кæны Гуырдзыстоны дипломативон ахастыты Евроцæдисимæ нысаниуæгджын ивд æмæ Евроцæдис æмæ Гуырдызстоны æхсæн раздæр æндыгъд ахастыты потенциалон тайæн нысан кæны.

Евроньюсы информацийæ, Ираклий Къобахидзе комкоммæ ныхас кодта Европæйы лидертимæ, се æхсæн Францы президент Эммануэль Макронимæ.

«Саммитыл Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ Францы президенты цыбыр, фæлæ хъарм фембæлд дзурæг у ууыл, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис ивгъуыд рæстæджы хицæндзинæдтæ фæстейæ ныууадзынц».

Къобахидзе ацы фарстыл бахахх кодта журналисттæн фехъусын кæнгæйæ, цæмæй «уыдис арæнгонд коммуникацийы период (Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн) æмæ афтæ зыны, цыма нæ европон партнерты фæнды Гуырдзыстонимæ бастдзинæдтæ сног кæнын» -ис фыст статийы.

Евроньюс куыд нысан кæны афтæмæй, Гуырдзыстоны премьер-министр ацы хъармдзинад бамбарын кодта йæ бæстæйы «Европæйæн æнæмæнгхъæуæг ролæй», æмæ ма бафтыдта, зæгъгæ, «алчидæр æмбары Гуырдзыстон æмæ йæ лидертимæ бастдзинады æнæмæнгхъæуындзинад, æмæ уый тыххæй афтæ бирæ инициативæ цæуы Европæйы лидертæй».

“Алчидæр хъуамæ банымайа Гуырдзыстоны стратегион нысаниуæг Европæйæн, уæлдайдæр Еврозонæйæн. Регионы нæ роль нысаниуæгджын у æмæ уый тыххæй фылдæрæй-фылдæр нымад цæуы Гуырдзыстоны хицауадимæ диалогы æнæмæнгхъæуындзинад”, – сиды Евроньюс Къобахидзейы ныхæстæй.

Евроньюс æрхæссы ноджы иу цитатæ Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгæй, кæцыйы Къобахидзе зæгъы: «Æз цæттæ дæн алкæимæ дæр ныхас кæнынмæ. Бакæсæм, куыд цæуы алцыдæр. Ацы формат нын фадат дæтты бирæ лидертимæ æмгуыстад кæнын нæ бæстæйы рæзынады, регионалон стабилондзинады æмæ Гуырдзыстоны европæйаг интеграцийы фарстаты фæдыл».

Статьяйы афтæдæр банысангонд у, цæмæй саммиты ист кадрты афтæ дæр зыны Ираклий Къобахидзейы ныхас Европарламенты президент Роберта Меццола æмæ Польшæйы премьер-министр Дональд Тускимæ.

Евроньюс куыд фыссы афтæмæй, Къобахидзе æмбарын кæны, цæмæй ацы политикон эволюци Хуссар Кавказы Гуырдзыстоны «сæйраг позицийы» фæстиуæг у.

«Азты дæргъы мах бахастам нысаниуæгджын хайбавæрд регионы сабырад æмæ стабилондзинады фæтыхджындæр кæнынмæ æмæ дарддæр дæр стæм æнæфæцудгæ, цæмæй фидæны дæр ахæм удварнæй архайæм» – расидтис журналисттæн Къобахидзе.

Евроньюс афтæ дæр æрхæссы Ираклий Къобахидзейы расидæн, кæцыйы премьер-министр Азербайджан æмæ Сомихыстоны æмæ Гуырдзыстоны ролы фæдыл регионалон контексты ныхас кæны.

“Мах иу кæнæм дыууæ сыхаг бæстæйы – Азербайджан æмæ Сомих– Европæимæ. Уымæй уæлдай, Гуырдзыстон йæ сыхæгтимæ сæххæст кодта цалдæр ахсджиаг проекты, кæцытæ зынгæ фæхуыздæр кодтой бастдзинад”.

Уырны мæ, цæмæй уый сæрмагонд нысаниуæгджын у æрмæст Гуырдзыстонæн нæ фæлæ ма Европæйæн æмæ Евроцæдисæн дæр, уымæн æмæ уый ахъаз кæны Евроцæдис æмæ нæ регионы æхсæн бастдзинæдтæ фæтыхджындæр кæнынæн» – сиды Евроньюс Ираклий Къобахидзейы ныхæстæй.