Euronews – азербайджайнаг хæдтæхæджы катастрофæ гæнæн ис æмæ æрцыд Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæйы аххосагæй
Азербайджайнаг хæдтæхæджы æрхауд, гæнæн ис æмæ Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæйы аххосæй æрцыд. Уый тыххæй Евроний фыссы. Æнæном информацийæ, Уæрæсейы горæт Грознаймæ хæстæг кæнгæйæ, кæцы уыд рейсы нысаниуæг, удæгасæй баззайæг бæлццæттæ фехъуыстой срæмыгъд, кæцыйы фæстæ хæдтæхæджы корпус бахъыгдард ис.
Фæлæ уырыссаг æфсæддон блогеры ныхасмæ гæсгæ, хæдтæхæджы корпусы зиан дзурæг у ууыл, цæмæй гæнæн ис æмæ æнæнхъæлæджы æрхауд уæлдæфон хъахъхъæнынады ракетон системæйæ.
Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæйы аххосæй хæдтæхæг кæй æрхауд, уый тыххæй активонæй ныхас кæнынц социалон хызæгты. Бынатæй рапарахатгонд видеотæй бæрæг у, цæмæй хæдтæхæгæн ис цæфтæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ æрцыдысты зенитон ракетон комплексы аххосæй.
Евроний куыд фыссы, афтæмæй цымыдисон у уый дæр, æмæ 25-æм декабры райсомæй Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ Цæгат Кавказы цалдæр ран украинаг дронты æрбабырст фæстæмæ æруагъта.
Азербайджаны генералон прокуратурæйы информацийæ, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пассажирон лайнеры 67 бæлццонæй 32 авиакатастрофæйæ аирвæзтысты. Цæфгондтæй иуæй-иуты уавæр уæззау у. Сты реанимацийы.
Азербайджаны авиакомпанийы хæдтæхæджы бортыл æнæхъæнæй 67 адæймаг уыд, се æхсæн 62 бæлццон æмæ экипажы фондз уæнг.
Авиалайнер тахт Бакуйæ горæт Грознаймæ, фæлæ йæ курс аивтой. Уый Актауы аэропортæй æртæ километры дæрддзæф æрхауд.
Казахстаны транспорты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бортыл уыдысты Азербайджаны 37 æмбæстаг, Уæрæсейы 16 æмбæстаг, афтæ дæр Казахстаны æхсæз æмбæстаг æмæ Кыргызстаны æртæ æмбæстаг.