Еропæйы  Уацхæссджыты Цæдисы  радиостанцæтæ  иу идеяйы алыварс #PeopleHelpthePeople
Еропæйы Уацхæссджыты Цæдисы радиостанцæтæ иу идеяйы алыварс #PeopleHelpthePeople

Европæйы  Уацхæссджыты Цæдисы радиостанцæтæ, Нидерландты  Радиойы (NPO) 3FM-ы  инициативæйæ,  иу кæнынц  æмæ солидарондзинад фиксир кæнынц Турчы æмæ Сирийы  æрцæугæ зæххæнъкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  бинонтæн æмæ хæстæджытæн.

15 февралы, Тбилисы рæстæгæй, 11:45  сахатыл  Гуырдзыстоны  Радио æмæ Гуырдзыстоны Радио-Музыкæ Европæйы радиостанцæтимæ  иумæ  баиу уыдзысты  солидарондзинады   акцимæ  æмæ айзæлын кæндзысты   зарæг.

«Ахæм рæстæджы  Радио кæддæриддæр уæ  фарсмæ лæууы, уый тыххæй  æртыццæджы, 15  февралы  радиостанцæтæ иумæ айзæлын кæндзысты  «Birdy»-ы зарæг – People Help the People.

Радио комкоммæ фæцагайы  эмоцитæ, музыкæ та  у универсалон æвзаг.  Ацы трагикон  рæстæджы хъуамæ баиу уæм, æргомзæрдæйæ равдисæм   фарсдарын, баиу кæнæм  нæ тыхтæ  зианбавзарджытæн  баххуыс кæнынæн», –  хъусын кæны  Нидерландты  Радиойы   къухдариуæггæнæг  Мено  Де Бур.