Еропæйы Уацхæссджыты Цæдисы радиостанцæтæ иу идеяйы алыварс #PeopleHelpthePeople
Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы радиостанцæтæ, Нидерландты Радиойы (NPO) 3FM-ы инициативæйæ, иу кæнынц æмæ солидарондзинад фиксир кæнынц Турчы æмæ Сирийы æрцæугæ зæххæнъкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
15 февралы, Тбилисы рæстæгæй, 11:45 сахатыл Гуырдзыстоны Радио æмæ Гуырдзыстоны Радио-Музыкæ Европæйы радиостанцæтимæ иумæ баиу уыдзысты солидарондзинады акцимæ æмæ айзæлын кæндзысты зарæг.
«Ахæм рæстæджы Радио кæддæриддæр уæ фарсмæ лæууы, уый тыххæй æртыццæджы, 15 февралы радиостанцæтæ иумæ айзæлын кæндзысты «Birdy»-ы зарæг – People Help the People.
Радио комкоммæ фæцагайы эмоцитæ, музыкæ та у универсалон æвзаг. Ацы трагикон рæстæджы хъуамæ баиу уæм, æргомзæрдæйæ равдисæм фарсдарын, баиу кæнæм нæ тыхтæ зианбавзарджытæн баххуыс кæнынæн», – хъусын кæны Нидерландты Радиойы къухдариуæггæнæг Мено Де Бур.