Ереваны ацыд Гуырдзыстон-Сомихыстоны парламентты æддæ ахастыты комитетты  иумæйаг рабадт
Ереваны ацыд Гуырдзыстон-Сомихыстоны парламентты æддæ ахастыты комитетты иумæйаг рабадт

 

Æддæ ахастыты  комитеты  сæрдар Николоз Самхарадзе  æмæ  комитеты   уæнгтæ   официалон визитæй  сты  Сомихыстоны  сæйраг горæты.  Ереваны, Гуырдзыстон-Сомихыстоны   парламенты  æддæ ахастыты  комитетты  æрвылазон  иумæйаг рабадт   ацыд,  кæцыйы  Николоз  Самхарадзе, Сомихыстоны   националон ассамблейы   æддæ ахастыты иудадзыгархайæг  комитеты  сæрдар Саргис Ханданян æмæ  комитетты  уæнгтæ  истой  хайад.

Ассамблейы фæлгæтты  Гуырдзыстоны-Сомихыстоны  партнерад æмæ уæвæг   æмгуыстад æркастысты.  Бахахх кодтой  парламентон æмвæзадыл  ахастыты  райрæзты  ног  форматты  нысаниуæг.

Фарсытæ фæныхас кодтой   регионон  æдадсзинады фарстатыл,  уæвæг  расидтытыл, оккупацигонд Гуырдзыстоны   регионты  уæвæг  уæззау  уавæрыл.  Гуырдзиаг фарс  коллегæтæн   бадæтта  информаци Гуырдзыстоны  плангонд  парламентон æвзæрстыты æмæ  разæвзарæнон  æрдзы  фæдыл.

Николоз Самхарадзе,  коллегæйæн  раарфæ  кодта   Сомихыстон  ИНО-йы   «Абхазæй, Гуырдзыстон æмæ Цхинвалы Регион/Хуссар Ирыстонæй, Гуырдзыстон  тыхбын бынативгæ   уæнгты  æмæ лигъдæтты   статусы фæдыл» резолюциимæ разыдзинады тыххæй  æмæ   цæттæдзинад  равдыста, цæмæй  баххуыс кæна Сомихыстонæн  Евроцæдисимæ æрыввахсы фæндагыл æмæ сын  ассоциацидзинады  бадзырды  сыххæсты æрдгæй бæстæйы фæлтæрддзинад  фæхай кæна.

Сомихыстоны националон ассамблейы  æддæ  ахастыты иудадзыгархайæг   комитеты  сæрдар Гуырдзыстоны  парламенты делегацийы  уæнгтæн  Сомихыстоны цæугæ   процессты æмæ Сомихыстон-Азербайджаны  æхсæн уæвæг   ахастытыл бадæтта информаци.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.